Плиты Инал: проекттæ "Зарæг", "Дзырд" æмæ æндæр ахæмтæ хъуамæ суой æдзухон

Плиты Инал: проекттæ «Зарæг», «Дзырд» æмæ æндæр ахæмтæ хъуамæ суой æдзухон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ис дыууæ паддзахадон æвзаг: ирон æмæ уырыссаг, фæлæ тынг стæм хатты ис фенæн уагдæтты ᾿хсæн хъуыддагкæнынады фыстæджытæ иро æвзагыл. Уый тыххæй йæ хъуыды Sputnik раргом кодта Дунеон æхсæнадæмон преми "Булæмæргъ"-ы фыццаг къæпхæны фыццаг лауреат Плиты Инал.

"Фыццаджыдæр хъуамæ ахъуыды кæнæм, цæмæй æмткæй цардæн зиан ма ᾿рхæсса (официалон фыстæджытæ ирон æвзагмæ ракæнын). Зæгъæм, УФ органты хайадтæй Хуссар Ирыстонæй цы ис, уырдæм фыстæг куы ныффыссæм, уæд раст нæ уыдзæн. Æмæ чысыл фарстатæ чи сты, уыдонæй уал куы райдаиккам, уæд уым æвзæрæй бынтондæр ницы уаид", - райхæлдта йæ хъуыды ныхасæмбал.

Ныры рæстæджы ирон æвзаг популяризаци кæныны тыххæй цы проекттæ æххæст цæуынц, куыд проект "Зарæг", "Дзырд" æмæ æндæр ахæмтæ Плиты Иналы хъуыдымæ гæсгæ хъуамæ суой æдзухон. Уыдонæй дæрддæр ма хъæуы райдайын тæлмац кæнын ирон æвзагмæ мультфильмтæ дæр.
"Хъуам уа развæлгъау зындгонд, цæмæй йæм сывæллæттæ дæр æмæ ахуыргæнджытæ дæр сæхи цæттæ кæной. Æмæ ахæм мадзæлттæ хъуамæ уа бирæ, уый тыххæй та хъæуы æхцайы фæрæзтæ", - банысан кодта Плиты Инал.
Бæстондæрæй аудиоæрмæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0