Æнæ стыр фæткхæлдтæй: МХМ радзырдтой куыд ацыдысты Хуссар Ирыстоны рауагъдонты мадзæлттæ

© Sputnik / Дзерасса ТеховаÆнæ стыр фæткхæлдтæй: МХМ радзырдтой куыд ацыдысты Хуссар Ирыстоны рауагъдонты мадзæлттæ
Æнæ стыр фæткхæлдтæй: МХМ радзырдтой куыд ацыдысты Хуссар Ирыстоны рауагъдонты мадзæлттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ не ᾿руагътой стыр фæткхæлдтæ ахуыры азы фæудмæ нысангонд мадзæлтты рæстæджы, хъусын кæны цыппæрæмы республикæйы МХМ пресс-службæ.
Цхинвалы æмæ республикæйы районты нысан кодтой Фæстаг дзæнгæрæджы бæрæгбон, уагътой цытджын ралæудтæ, изæры та Театралон фæзуатыл ацыди концерт, уый фæстæ та кафт.
Уагдонады банысан кодтой, уæлдай хъусдард здæхт кæй цыди фæндагон змæлды æдасдзинадмæ. МХМ кусджытæ сбæрæг кодтой авд фæткхæлды, уыдоны ᾿хсæн фондз æнахъом скъæрджытæ, уыдонимæ иумæ 13-аздзыд сывæллон. Хæдтулгæтæ æрурæдтой æмæ сæвæрдтой иваркæрты. Æнахъомтæ æмæ сæ ныййарджытимæ ауагътой профилактикон ныхас. Афтæ ма сывæллæтты ныхмæ сарæзтой административон протоколтæ транспортæй кæй скъæрдтой æнæ бартæ æмæ документтæй. Административон уынаффæтæ рахастой хæдтулгæты хицæутты ныхмæ дæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0