Хуссар Иры уæрæсейаг æфсæддон базæйы разысгарджытæ скуынæг кодтой бадзырдон ДРК

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры уæрæсейаг æфсæддон базæйы разысгарджытæ скуынæг кодтой бадзырдон ДРК
Хуссар Иры уæрæсейаг æфсæддон базæйы разысгарджытæ скуынæг кодтой бадзырдон ДРК  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 май — Sputnik. Уæрæсейаг æфсæддон базæйы Хуссар Ирыстоны разысгарджытæ ауагътой бадзырдон диверсион разысгарæн къордты (ДРК) ныхмæлæууыны фæдыл ахуыртæ, хъусын кæны Уæрæсейы Хуссайраг æфсæддон зылды пресс-службæ.

"Разысгарæн дæлкъордты растын кодтой фæдисмæ, баурæдтой æмæ скуынæг кодтой æнæзакъонон гразджын къорд, кæцы бафæлвæрдта æфсæддон хайады территоримæ бацæуын. ДРК ликвидацийы рæстæджы æруромыны къорды хайад истой кинологтæ службæйон куыйтимæ", радзырдтой зылды.

Афтæ ма æфсæддонтæ сæххæст кодтой "фæцæфуæвæджы" эвакуаци, радиацион æмæ химикон разысгæрст.
ХÆЗ банысан кодтой, ахæм мадзæлттæ рæстæгæй-рæстæгмæ уадзын ахъаз у зылдон дæлхайадты æмбæлон цæттæдзинад уæлдæр æмвæзадыл дарынæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0