Хуссар Ирыстоны æрцыд ФТЦ фистæг бæлццонимæ

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ирыстоны ацыд ФТЦ фистæг бæлццонимæ
Хуссар Ирыстоны ацыд ФТЦ фистæг бæлццонимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 май — Sputnik. Цыппæрæмы изæры Дзауы хъæуы æрцыд фæндагон-транспортон цау, зиин баййæфта районы цæрæг. Уый тыххæй хъусын кæны Хуссар Ирыстоны МХМ пресс-службæ.

"Хæдтулгæ ВАЗ-2114 баскъæрдта фистæг бæлццоныл, Дзауы районы 40-аздзыд цæрæджы. ФТЦ фæстиуæгæн фистæг райста цæфтæ – баластой йæ рынчындонмæ", - нысангонд цæуы хъусинаджы.

Уагдонады пресс-службæйы бафтыдтой, фæндагон цау кæй æрцыди хъæуы астæу изæры иуæндæсы ᾿рдæгыл. ПАИ кусджытæ бæрæг кæнынц фæндагон цауы æууæлтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0