Хуссар Иры Ленингоры районы сцалцæг кодтой хъæууон суадон

© Photo : Пресс-служба Ленингорского районаХуссар Ирыстоны Ленингоры районы æрнывыл кодтой хъæууон суадон
Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы æрнывыл кодтой хъæууон суадон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 май — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы Икоты хъæуы æрнывыл кодтой цæрæг пункты нуазыны доны иунæг ратæдзæн, фехъусын кодта Sputnik районы администрацийы пресс-службæйы сæргълæууæг Кокойты Анжела.
Куыстытæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, цыдысты дыууæ мæйы дæргъы. Уыцы рæстæджы дæргъы цæрæн-коммуналон хæдзарады фæткдаруаты кусджытæ расыгъæг кодтой бассейн, раивтой хæтæлтæ, цæмæй доны æфсæрст фæтынгдæр уа.
"Æрдзон суадон ис хъæуы астæуы æмæ ахсджиаг у бынæттон цæрджытæн. Фæстаг рæстæджы доны æфсæрст æрлæмæгъ ис, уымæй дарддæр ма, территори уыдис æнæмбæлон уаджы", - радзырдта ныхасæмбал.
Хъæуы цæрджытæ балæвæрдтой курдиат суадон æрнывыл кæныны тыххæй, уый фæстæ коммуналон-службæтæ æрæвнæлдтой куыстмæ.
"Суадон схæрзхуыз ис, доны æфсæрст фæтынгдæр ис, йæ алыварс территорри дæр арæзт у. хъæуы цæрджытæ хъаст кодтой техникон дон сæм кæй нæй. Ныр коммуналон службæты тыхтæй уыцы фарст дæр скъуыддзаггонд æрцыд", - банысан кодта пресс-секретарь.
Уый банысан кодта, суадонæй кæй пайда кæнынц æппæт хъæуы цæрджытæ, фæлæ зæххы цъары рельеф фадат нæ дæтты, цæмæй дон алы хæдзармæ дæр бауадзой.
Ног хабӕртты лентӕ
0