Хуссар Ирыстоны райдыдта хъæддаг сырдты вакцинаци

© Photo : Пресс-служба Минсельхоза РЮО Хуссар Ирыстоны райдыдта хъæддаг сырдты вакцинаци
Хуссар Ирыстоны райдыдта хъæддаг сырдты вакцинаци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 май Sputnik. Районы стъанцтæм алæвæрдтой оралон вакцинæ хъæддаг сырдты æрранизы ныхмæ, превентивон иммунизаци нывæсты ис ауадзын æгас Хуссар Ирыстоны, хъусын кæны республикæйы хъæууон хæдзарады министрад.
Уагдонады бафтыдтой, иммунизаци нырид уагъд кæй æрцыди Знауыры æмæ Цхинвалы районы хъæдты.
"Вакцинæ нысангонд у хъæддаг тугдзых сырдтæ иммунизаци кæнын æрранизы ныхмæ æмæ территорийы эпизоотикон æнæзиандзинад сифтонг кæнынмæ. Низ тæссаг уымæй у æмæ адæймаг æмæ хæдзарон фосыл дæр хæцы. Хос та йын скæнæн нæй", - радзыдтой министрады.
Министрады бафтыдтой паддзахадон районы ветеринарон стъанцтæ кæй уадзынц хæдзарон цæрæгойты æнæфидгæ вакцинаци.
Ног хабӕртты лентӕ
0