Коцойты Арсен. Уацмыстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2023
Коцойты Арсен.Уацмыстæ

КОЦОЙТЫ АРСЕН. ÆНÆНОМ РАДЗЫРД

КОЦОЙТЫ АРСЕН. ÆНÆНОМ РАДЗЫРД
Рафыссын
— Афицер дæ Хуыцау скæнæд!
— Паддзахы хорзæхæй хайджын у!
Тего-иу каникулты скъолайæ йæ хæдзармæ куы ссыди, уæд-иу ахæм арфæтæ зæлланг кодтой бон-изæрмæ йæ хъусты.
Йæ мундиры цæппæртæм дзæбæх зылди Тего, æмæ дардмæ æрттывдтытæ калдтой. Адæмы цæстыты тынг ахадыдтой уыцы цæппæртæ. Уыдон æрттывды тыххæй йе ’мгæрттæ, чысылæй кæимæ хъазыди, кæимæ схъомыл ис æмæ хъæуы, сау куыст кæнгæйæ, чи баззади, уыдон æм хæлæггæнгæйæ кастысты. Уынгты-иу куы фæцæйцыди, уæд-иу быруты сæрты æмæ кауты хуынчъытæй бирæ чызджыты цæстытæ æрттывтой.
— Цавæр скъолайы ахуыр кæны Тего?
— Æмæ уырдыгæй афицертæ цæуынц, цымæ?
— Фæндонæй у, фæндонæй. Куы йæ бафæнда — афицер, куы йæ бафæнда — инженер, куы йæ бафæнда, уæд та дохтыр дæр.
— Амондджын адæймаг у, йæ бонæй уæд!
Ахæм ныхæстæ дæр йæ хъустыл уадысты Тегойæн хаттæй-хатт.
Арæх æй хонгæ дæр кодтой йæ хæстæджытæ æмæ йæ зонгæтæ, буц хæринæгтæй, буц нуазинæгтæй йæ хынцыдтой.
Тего сывæллон нал уыди — æвддæсæм сæрд уыдта йæ цæрæнбонты, уæдæ рынчын дæр нæ уыди, афтæмæй йын йæ бинонтæ буц митæй цы нæ кодтой, ахæм нæ уыди. Мад ын æвæрæнтæ кодта, хицæн хæринæгтæ дæр ын-иу ацарæзта, æхца дæр ын-иу авæрдта, истæмæн дæ, зæгъгæ, бахъæудзысты.
Афтæ буц царды æрвыста Тего йæ рæстæг.
Ног хабӕртты лентӕ
0