Нарты кадджытæ. Нарт æмæ гуымиргомы ‘лдар. Азырты сæфт. Уæрхтæнæг æмæ Азырты гуымир

Нарты кадджытæ. Нарт æмæ гуымиргомы ‘лдар. Азырты сæфт. Уæрхтæнæг æмæ Азырты гуымир
Рафыссын
Гуымир-адæм сæ маст нæ рох кодтой. Иузаманы сæм æрбарвыстой фидиуæг Нартæм:
- Уæ, уæ номыстæн, уæ, уæ фыдыстæн, сымах нæ куывдмæ куы нæ ‘рцæуат! Мастытæ дæр кæрæдзийæн бирæ фæкодтам, фæлæ дзы ницы рахастам. Ныр та нæ фæнды хæларæй цæрын. Кæд нæм уæ сæр дарут, уæд нæм фæзынут. Хæларзæрдæйæ уын лæггад кæндзыстæм. Куывды фæстæ уын лæвар ракæндзыстæм, æмæ уыйфæстæ хæларæй цæрдзыстæм.
Нартæ кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой, Уæрхтæнæг зæгъы Нартæн:
- Раст бæргæ у фидиуæджы ныхас, фæлæ гуымир-æлдарыл æнцонæй чи æууæнды. Чи зоны æмæ сæм фæсмон æрцыди. Уæддæр нын цæуын баззад фæтчыйæ, æмæ нæ фæтчы ма фехалæм.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0