Хуссар Ирыстоны нысан кæны хæдбардзинад расидыныл 31-æм афæдзыбон

© SputnikХуссар Ирыстоны нысан кæны хæдбардзинад расидыныл 31-æм афæдзыбон
Хуссар Ирыстоны нысан кæны хæдбардзинад расидыныл 31-æм афæдзыбон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 май — Sputnik. Къуырисæры Хуссар Ирыстон нысан кæны хæдбардзинад расидыны Акт райсыныл 31-æм афæдзыбон. Документ райстой Уæлдæр Советы 1992 азы 29 майы.
Цалынмæ закъондæттæгтæ уынаффæ рахастой, уæдмæ ауагътой референдум, уым республикæйы цæрджытæ иумæйагæй схъæлæс кодтой, цæмæй Гуырздыстонæй фæхибар кæной сæхи. Æндæр ахсджиаг фактор та уый уыд æмæ уæды рæстæджы æртыккаг аз цыдис Гуырдзыстоны ᾿рдыгæй гарзджын агресси.
Референдумы ацыдис 1992 азы январы. Адæмы уынаффæмæ рахастой дыууæ фарстайы: "Разы дæ, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон хæдбар паддзахад суа?" æмæ "Разы дæ Уæлдæр Советы уынаффæимæ, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон 1991 азы 1 сентябрæй фæстæмæ баиу уа Уæрæсеимæ?".
Цæрджытæй 99% схъæлæс кодтой паддзахады хæдбардзинад УФ баиумæ перспективæимæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0