Дзæуджыхъæуы æрæвнæлдтой Терчы донбыластæрды хæрзарæзтадмæ

© Photo : Телеграм-канал мэра Владикавказа Вячеслава МильдзиховаДзæуджыхъæуы æрæвнæлдтой Терчы донбыластæрды хæрзарæзтадмæ
Дзæуджыхъæуы æрæвнæлдтой Терчы донбыластæрды хæрзарæзтадмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 31 май — Sputnik. Цæгат Ирыстоны столицæйы æрæвнæлдтой Терчы донбыластæрды хæрзарæзтадон куыстытæм, Баяты Чермены уынг æмæ Штыбайы фæзуаты районы. Уый тыххæй йæ Телеграм-каналы фехъусын кодта горæты администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав.
Банысангонд æрцыдис нывæсты кæй ис тротуарон хайы хæрзарæзт. Æнæхъæнæй рацараздзысты донбыластæрды уæллаг ярусæй дæллагмæ æрхизæн. Асинтимæ иумæ фæзындзæн пандус дæр. Афтæ ма нывæсты ис фæлгастон фæзуат саразын æмæ техникон хиды реконструкци. Хæрзарæзтады нывæстмæ бахаудта фæлгастон мæсыг дæр.
Донбыластæрды арцæудзæн велосипедон фæндаг раздæры завод "Электроцинк"-æн аварион шлюзы бынаты. рагæй фæтстæмæ нæ кусы, фæстаг азты та ссис кæлмытæ æмæ хæфсыты æвзæрæн горæты астæу", - ныффыста уый.
Милдзыхты Вячеслав бафтыдта, куыстытæ балхынцъ кæнын 1 сентябрьмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0