Хуссар Иры уæззау атлетикæйы спортсмен Икъаты Сæрмæт ралæудзæн Азийы Кубокы

© Sputnik / Юлия ЧестноваХуссар Ирыстоны уæззау атлетикæйы спортсмен Икъаты Сæрмæт ралæудзæн Азийы Кубокы
Хуссар Ирыстоны уæззау атлетикæйы спортсмен Икъаты Сæрмæт ралæудзæн Азийы Кубокы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 31 май — Sputnik, Гæбæраты Элина. Европæйы æртæхаттон чемпион, дунейы дыууæхаттон чемпион пауэрлифтингæй Хуссар Ирыстонæй Икъаты Сæрмæт стох кæндзæн WPC/AWPC Азийы Кубокы сыгъзæриныл. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта спортсмен йæхæдæг.
Уæззау атлетикæйы спорсмен ралæудзæн Уæрæсейы æмбырды +125 уæзы категорийы, йæ тренертæ сты Плиты Артур æмæ Тасойты Олег.
"Ерыстæ ацæудзысты 22-24 июлы Челябинскы. Мæ зæрдæйы уаг у æвæрццаг, активонæй цæтæ кæнын. Ерыстæм мæ фæнды хорз хуыз райсын", - загъта ныхасæмбал.
Икъаты Сæрмæт у Паддзахадон хъахъхъæнынады кусæг, æртæ хатты фæуæлахиз ис Европæйы чемпионаты (2015, 2016, 2018 азты), æмæ дыууæ хатты дунейы чемпионаты æвзонг спорсменты ᾿хсæн сæ кар 18 азмæ, 2016 азы сæвæрдта дунейы реконд систа штангæ 280,5 кг уæзы.
Ног хабӕртты лентӕ
0