Коцойты Арсен. Уацмыстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2023
Коцойты Арсен.Уацмыстæ

КОЦОЙТЫ АРСЕН. ХАНИФФÆЙЫ МÆЛÆТ

КОЦОЙТЫ АРСЕН. ХАНИФФÆЙЫ МÆЛÆТ
Рафыссын
Абон бакастæн газеты, уæртæ, дам, кæмдæр хохы цъасы, горæтæй сæдæ километры дæрддзæф, байгом ис рынчындон 25 сынтæгимæ, æмæ, дам, хъæууон совет уыйохыл сарæзта стыр цины æмбырд. Куы бакастæн уый, уæд мæ зæрдыл æрлæууыди иу хабар. Рагон хабар. Уый уыди мæ уалдзыгон бонты рæстæджы. Ныр мæ æрæгвæззæджы бонты хъуамæ радзурон уыцы хабар. Хъæуы йæ радзурын. Тынг хъæуы. Стыр зонды скъола у ивгъуыд рæстæг, — фæкæсын æм-иу хъæуы хаттæй-хатт фæстæмæ.
Уыцы сылгоймаг, Ханиффæ йæ ном, царди горæтæй дыууадæс версты дæрддзæф, стыр хъæуы (уыди дзы цыппарсæдæ хæдзары). Фæтæныстæг, фыдджын, цыма æхсыр æмæ туг йæ рустыл хъазыдысты, уый хуызæн хæрзуынд уыди Ханиффæ. Фæд-фæдыл ын, дыууæ азæй дыууæ азмæ, райгуырди цыппар лæппуйы, фæлæ рынчын никæд фæци. Йæ хæдзары йæхи йеддæмæ сылгоймаг фезмæлæг нæ уыди æмæ-иу, цы бон ныййардта, уыцы бон дæр хæдзары куыстытæ нæ уагъта.
Иу хатт сыхæгтæ фæфиппайдтой, Ханиффæ тынг æнкъард кæй уыди, хæдзары куыстытæ дæр куыддæр æвæндонæй, химæ хъусгæйæ, кæй кодта. Йæ лæг Аслæнбег дæр фæхъуыды кодта Ханиффæйы æнкъарддзинад, фæлæ йæм хъус не ’рдардта, æнæмæтæй быдыры куыстытæ кодта.
Иу райсом сыхæгты ус цæйдæр тыххæй бауади Ханиффæмæ, бадзырдта, фæлæ йын дзуапдæттæг нæ фæци. Къæсæры раз тымбылæй хуыссыди куыдз æмæ йыл уый зивæг хъырнд скодта. Фæкасти сыхæгты ус кæрты ’рдæм. Уым кæронæй бæлæсты бын хъазыдысты Ханиффæйы кæстæр лæппутæ. Сæ иу сдзырдта:
— Нана хуысгæ кæны. Рынчын у.
Дарддæр хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0