Гаглойты Алан: сабитæ сты махæн нæ сомбон

© PhotoГаглойты Алан
Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны сывæллæтты хъомылад, сæ бартæ æмæ интерестæ хъахъхъæныны фарстытæ сты паддзахадон сæйраг приоритетты æхсæн, банысан кодта республикæйы президент Гаглойты Алан йæ арфæйы телы Сывæллæтты хъахъхъæныны æхсæнадæмон боны цытæн.
"Махæн ахсджиаг у, цæмæй алкæцы сывæллон дæр рæза æнæниз æмæ амондджынæй. Сабитæ махæн сты нæ сомбон", - дзырдæуы арфæйы телы.
Президент бузныг загъта ныййарджытæ, ахуыргæнджытæ æмæ хъомылгæнджытæн, кæцытæ сæ тыхтæ дæттынц рæзгæ фæлтæры хъомылад æмæ райрæзтмæ.
"Бинонты институт фæхуыздæр кæныны нысанæн æз бахæс кодтон Хицауадæн бавдисын хъæппæрис бирæсывæллонджын бинонты гæрæн цыппар сывæллонæй æртæйы онг æркæныны фарстмæ, цæмæй æртæ сабийимæ бинонтæн дæр уой паддзахадон уæлбартæ. Афтæ ма бакусдзыстæм сывæллæтты фиддонтæ фæфылдæр кæныны фарстыл", - банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.
Гаглойты Аланы зæрдæ загъта сывæллæттæн ирд æмæ амондджын сабион бонтæ, цæмæй сæ бæллицтæ иууылдæр æххæст кæной.
Ног хабӕртты лентӕ
0