Хуссар Иры хӕрзарӕзт кӕнынц культурон бынты иууыл популярондӕр бынӕттӕ

© Sputnik / Дина ГассиеваДменисы фидар
Дменисы фидар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны хӕрзарӕзт цӕуынц республикӕйы дӕс фендтаг бынаты, кӕцытӕм арӕх цӕуынц туристтӕ. Куыстытӕ ӕххӕст цӕуынц президент Гаглойты Аланы финансон ӕххуысӕй. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта ӕхсӕнадон архайӕг, гид Бететы Юрий.
Нырмӕ уал бантыст бафснайын ӕртӕ историон цыртдзӕвӕны.
"Апрелы нын уыд фембӕлд паддзахады разамонӕгимӕ, уӕд дзырд цыд туризмы фадыджы лыгкӕнинаг фарстыты нымӕцы иууыл арӕх туристтӕ цы фендтаг бынӕттӕм цӕуынц, уыдон ӕмбӕлон уагмӕ ӕркӕнын. Мӕйы ӕмгъуыдмӕ ацы фарст лыг кӕнынмӕ бавнӕлдтой", - загъта Бететы Юрий.
Уӕд фидар ӕрцыд дӕс объекты номхыгъд, кӕцытӕ хъӕуы ӕмбӕлон уагмӕ ӕркӕнын.
"Фыццаг уал ӕмбӕлон уагмӕ ӕркодтой Иры хъӕуы кувӕндон ӕмӕ мӕсыг. Ныр та хӕрзарӕзт цӕуы XVl ӕнусы Дменисы фидар", - загъта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фидӕны ацы историон цыртдзӕвӕнтӕй иутӕ сӕ дӕлбар бакӕндзысты уагдӕттӕ ӕмӕ министрадтӕ.
"Президенты хӕслӕвӕрдмӕ гӕсгӕ бирӕ организацитӕ сӕхимӕ райсдзысты бӕрн ӕдзух сӕ хъус дарын хицӕн цыртдзӕвӕнтӕм. Ныр уал Уӕлвӕткон уавӕрты министрад сӕ дӕлбар бакодтой Цхинвалы цӕгатварс цы фидар ис, уый", - бафтыдта Бететы Юрий.
Ацы аз цы объекттӕ ӕрцӕудзӕн хӕрзарӕзт, уыдон нымӕцы ис Морехы дзуар, Хеиты фидар, Дзагъинайы кувӕндон ӕмӕ ӕндӕртӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0