Россотрудничествойы хистӕр радзырдта, цавӕр форумты архайдзысты Хуссар Иры фӕсивӕд

© Sputnik / Алексей Дружинин /  Ахизын медиабанкмæФорум
Форум - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Россотрудничествойы минӕварады ӕмархайдӕй Хуссар Ирыстоны фӕсивӕд хайад райсдзӕн бирӕнымӕц форумты Уӕрӕсейы, фехъусын кодта Sputnik-ӕн минӕварады хистӕр Сергей Скворцов.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, зонгӕкӕнӕн, туристон ӕмӕ профессионалон нывӕсты архайдзысты канд скъоладзаутӕ нӕ, фӕлӕ ма фӕсивӕд 35 азы кары онг.
"Балцыты нымӕцы сты ӕртӕ иууыл популярондӕр мадзалы: "Всемирные игры юных соотечественников", "Здравствуй, Россия" ӕмӕ "Новое поколение". Фыццаг мадзалмӕ Хуссар Иры фӕсивӕд афӕндараст уыдзысты 12 июны, дыккаг дих уыдзӕн цалдӕр хайыл, йӕ фӕлгӕтты ӕвзонг адӕм фендзысты Уӕрӕсейы цыппар регион. Ӕртыккаг мадзал та нымад у 25-35 кары фӕсивӕдыл", - загъта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, нывӕстгонд мадзӕлтты нымӕцы ис сӕрмагонд мадзӕлттӕ, кӕцытӕ здӕхт сты хицӕн фадгуыты размӕцыдӕн.
"Цымыдисон уыдзӕн фембӕлд "Мой город будущего – город устойчивого развития", уырдӕм мах раразмӕ кӕндзыстӕм фылдӕр бӕрцӕй горӕт Цхинвалы администрацийы кусджыты. Ноджы ма иу ахӕм цымыдисаг мадзал та суыдзӕн Оренбурджы областы палеонтологийӕ, ам та нӕ фӕсивӕдӕн фадат уыдзӕн хайад райсын скъӕхтыты ӕмӕ ацӕрын археологон лагеры", - бахахх кодта Скворцов.
Ног хабӕртты лентӕ
0