Сабырдзинад æмæ стабилондзинады гарант: Хуссар Иры банысан кодтой ХÆЗ æмиуады афæдзыбон

© Sputnik / Сергей Пивоваров /  Ахизын медиабанкмæСабырдзинад æмæ стабилондзинады гарант: Хуссар Иры банысан кодтой ХÆЗ æмиуады афæдзыбон
Сабырдзинад æмæ стабилондзинады гарант: Хуссар Иры банысан кодтой ХÆЗ æмиуады афæдзыбон  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстоны æфсæддон базæйы банысан кодтой Хуссайраг æфсæддон зылды Суворовы ордены 58-æм иумæйаг æфсæддон армийы 28-æм афæдзыбон, хъусын кæны Хуссар æфсæддон зылды (ХÆЗ) пресс-службæ. Афтæ ма бæрæгбонон митингтæ ацыдысты Цæгат Ирыстоны, Дагесстаны, Цæцæны, Мæхъæлы æмæ Хъæрæсе-Балхъары иугондты æмæ æфсæддон хæйтты.

"Иумæйагон æфсæддон иугонд у стырдæр ХÆЗ арæзты. 58-æм иумæйаг æфсæддон арми ифтонг кæны политикон æдасдзинад Уæрæсейы хуссайраг арæнты, у сабырдзинад æмæ стабилондзинады гарант Цæгат Кавказы", - радзырдтой ХÆЗ.

Сæрмагонд бынат 58-æм хæстон афысты ахсы Цæгат Кавказы контртеррористон операцийы хайадист. Уымæй дарддæр ма армийы солдаттæ æмæ офицертæ цытджын æгъдауæй сæххæст кодтой сæрмагонд хæслæвæрдтæ Гуырдзыстон сабырдзинадмæ тыхæй æркæнын 2008 азы августы. Ныртæккæ та æнтысджынæй æххæст кæнынц сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы сæ хæслæвæрдтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0