Sputnik у Хуссар Ир æмæ Абхазы иу кæнæн фæзуат – РХИ культурæйы министр

© Sputnik Томас Тхайцук Sputnik Абхазы пресс-конференци
Sputnik Абхазы пресс-конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 июн – Sputnik. Информацион агентад Sputnik у фæзуат, кæцы иу кæны Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы. Уый тыххæй Sputnik Абхазы пресс-конференцийы рæстæджы фехъусын кодта республикæйы культурæйы министр Зæгъойты Рада.
"Мæ хъуыдымæ гæсгæ, хъæуы фæтынгдæр кæнын Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ДИФ-ты æмархайд. Нæ республикæтæ æнтыстджынæй æмархайд кæнынц алыгъуызон фадгуыты, уый хорз уыдаид фенын ДИФ къабазы дæр", - банысан кодта министр.
Хуссар Ирыстоны Культурæйы бонтæ цæуынц Абхазы 30 майæ 2 июнмæ. Знон Абхазаг драмон театры равдыстой Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры спектакль "Сау нымæт", 1 июны та Паддзахадон филармонийы абхазаг кæсджытæн бавдисдзæн йæ ралæуд ансамбль "Симд".
Ног хабӕртты лентӕ
0