https://sputnik-ossetia.com/20230602/abkhazy-prezident-skhorzkhdzhyn-kodta-khussar-iry-kulturyy-ministr-m-artistty-23671484.html
Абхазы президент схорзæхджын кодта Хуссар Иры культурæйы министр æмæ артистты
Абхазы президент схорзæхджын кодта Хуссар Иры культурæйы министр æмæ артистты
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 2 июн - Sputnik. Абхазы президент Аслан Бжанияйы барамындæй Хуссар Ирыстоны культурæйы архайджытæн радтой бæрзонд нæмттæ, хъусын кæны хуссарирыстойнаг... 02.06.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-06-02T10:00+0300
2023-06-02T10:00+0300
2023-06-02T11:03+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
абхаз
культурӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/05/1f/23644757_0:85:1620:996_1920x0_80_0_0_38a7b961f92daadd3d303040cd02162c.jpg
ЦХИНВАЛ, 2 июн - Sputnik. Абхазы президент Аслан Бжанияйы барамындæй Хуссар Ирыстоны культурæйы архайджытæн радтой бæрзонд нæмттæ, хъусын кæны хуссарирыстойнаг Культурæйы министрады пресс-службæ.Абхазы президент Хуссар Ирыстоны Культурæйы бонты сæхгæныны церемонийы рæстæджы радта кадджын ном "Республикæ Абхазы культурæйы сгуыхт кусæг" РХИ культурæйы министр Зæгъойты Радайæн.Афтæ ма Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театр æмæ Паддзахадон ансамбль "Симд"-ы артисттæн радтой кадджын нæмттæ "Абхазы сгуыхт артист"."Республикæ Абхазы сгуыхт артисты" ном радтой: Ходты Эльбрусæн, Быценты Иналæн, Арифа Сангулияйæн, Хаситы Сосланæн, Хуыгаты Альбинайæн, Харебаты Мартайæн.Хуссар Ирыстоны Культурæйы бонтæ цæуынц Абхазы 30 майæ 2 июнмæ. 30-æм майы Абхазаг драмон театры равдыстой Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры спектакль "Сау нымæт", 1 июны та Паддзахадон филармонийы абхазаг кæсджытæн бавдыста йæ программæ ансамбль "Симд".
абхаз
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/05/1f/23644757_90:0:1530:1080_1920x0_80_0_0_c502c2841098debf7545d174b7531f40.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, абхаз, культурӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, абхаз, культурӕ
Абхазы президент схорзæхджын кодта Хуссар Иры культурæйы министр æмæ артистты
10:00 02.06.2023 (Ранӕуӕггонд: 11:03 02.06.2023) ЦХИНВАЛ, 2 июн - Sputnik. Абхазы президент Аслан Бжанияйы барамындæй Хуссар Ирыстоны культурæйы архайджытæн радтой бæрзонд нæмттæ, хъусын кæны хуссарирыстойнаг Культурæйы министрады пресс-службæ.
Абхазы президент Хуссар Ирыстоны Культурæйы бонты сæхгæныны церемонийы рæстæджы радта кадджын ном "Республикæ Абхазы культурæйы сгуыхт кусæг" РХИ культурæйы министр Зæгъойты Радайæн.
Афтæ ма Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театр æмæ Паддзахадон ансамбль "Симд"-ы артисттæн радтой кадджын нæмттæ "Абхазы сгуыхт артист".
"Республикæ Абхазы сгуыхт артисты" ном радтой: Ходты Эльбрусæн, Быценты Иналæн, Арифа Сангулияйæн, Хаситы Сосланæн, Хуыгаты Альбинайæн, Харебаты Мартайæн.
Хуссар Ирыстоны Культурæйы бонтæ цæуынц Абхазы 30 майæ 2 июнмæ. 30-æм майы Абхазаг драмон театры равдыстой Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры спектакль "Сау нымæт", 1 июны та Паддзахадон филармонийы абхазаг кæсджытæн бавдыста йæ программæ ансамбль "Симд".