https://sputnik-ossetia.com/20230602/khussar-iry-sandidzyn-kandzysty-plity-myggadzhy-masyg--23687726.html
Хуссар Иры сӕндидзын кӕндзысты Плиты мыггаджы мӕсыг
Хуссар Иры сӕндидзын кӕндзысты Плиты мыггаджы мӕсыг
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Уӕллаг Ручъы хъӕуы сӕндидзӕн кӕндзысты XVII -XVIII ӕнусы мӕсыг. Ныридӕгӕн ӕфснайд цӕуы территори... 02.06.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-06-02T17:01+0300
2023-06-02T17:01+0300
2023-06-02T17:35+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
ӕхсӕнад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/06/02/23677827_0:150:1600:1050_1920x0_80_0_0_b3dafa7fc47324586ad250a104afcfe7.jpg
ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Уӕллаг Ручъы хъӕуы сӕндидзӕн кӕндзысты XVII -XVIII ӕнусы мӕсыг. Ныридӕгӕн ӕфснайд цӕуы территори, мӕсыджы мидӕг куыстытӕ срӕвдз уыдзысты культурӕйы министрады разыдзинад куы райсой, уый фӕстӕ. 2022 азы Плиты мыггаджы бындурӕвӕрӕн съезды рӕстӕджы аразинаг хъуыддӕгты нымӕцы уыд мӕсгуыты реставраци дӕр. Реставрацийӕн фӕрӕзтӕ ӕмбырд цӕуынц мыггаджы минӕвӕртты ӕхсӕн, нырмӕ уал бантыст цалдӕр сӕдӕ мин сомы ӕрӕмбырд кӕнын. Ӕхцайы фӕрӕзтӕ дӕттынц канд Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ нӕ, фӕлӕ Цӕгат Ирыстоны цӕрӕг Плиты мыггаг дӕр.Мӕсыг, кӕцы хъуамӕ сӕндидзын кӕной лӕууы Ручъы рбахизӕны, уыд номдзыд бинонты цӕрӕнуат. Мыггаджы мӕсыгӕй дарддӕр ма цалцӕг ӕрцӕудзӕн йӕ тӕккӕ фарсмӕ цы хӕдзар ис, уый дӕр йӕ раздӕры хуызы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/06/02/23677827_0:0:1600:1200_1920x0_80_0_0_b169e2b3232a4a9793407b3d210a8205.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ӕхсӕнад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ӕхсӕнад
Хуссар Иры сӕндидзын кӕндзысты Плиты мыггаджы мӕсыг
17:01 02.06.2023 (Ранӕуӕггонд: 17:35 02.06.2023) ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Уӕллаг Ручъы хъӕуы сӕндидзӕн кӕндзысты XVII -XVIII ӕнусы мӕсыг. Ныридӕгӕн ӕфснайд цӕуы территори, мӕсыджы мидӕг куыстытӕ срӕвдз уыдзысты культурӕйы министрады разыдзинад куы райсой, уый фӕстӕ.
2022 азы Плиты мыггаджы бындурӕвӕрӕн съезды рӕстӕджы аразинаг хъуыддӕгты нымӕцы уыд мӕсгуыты реставраци дӕр.
"Мах хъуамӕ бацӕттӕ кӕнӕм арӕзтадон куыстыты проект ӕмӕ йӕ бавдисӕм культурӕйы министрадмӕ. Проект фыссы Плиты Аслан. Куыддӕр уагдон радта йӕ разыдзинад, афтӕ куыстытӕ срӕвдз уыдзысты", - загъта Sputnik мыггаджы советы нымӕрдар Плиты Алан.
Реставрацийӕн фӕрӕзтӕ ӕмбырд цӕуынц мыггаджы минӕвӕртты ӕхсӕн, нырмӕ уал бантыст цалдӕр сӕдӕ мин сомы ӕрӕмбырд кӕнын. Ӕхцайы фӕрӕзтӕ дӕттынц канд Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ нӕ, фӕлӕ Цӕгат Ирыстоны цӕрӕг Плиты мыггаг дӕр.
Мӕсыг, кӕцы хъуамӕ сӕндидзын кӕной лӕууы Ручъы рбахизӕны, уыд номдзыд бинонты цӕрӕнуат.
"Дзапийы бинонты уыд ацы мӕсыг. Ацы хӕдзарвӕндагӕй рацӕугӕ уыд Плиты Георгий, кӕцы архайдта Фыццаг дунейон хӕсты, уыд Георгийы дзуары кавалер, уыд йын инӕлары цин. Уый фӕстӕ та сӕ фӕдонтӕй цыппар ӕфсымӕры ацыдысты Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕстмӕ ӕмӕ нал ӕрӕздӕхтысты", - загъта мыггаджы советы уӕнг Ручъы хъӕуӕй Плиты Вадим.
Мыггаджы мӕсыгӕй дарддӕр ма цалцӕг ӕрцӕудзӕн йӕ тӕккӕ фарсмӕ цы хӕдзар ис, уый дӕр йӕ раздӕры хуызы.