Хуссар Иры УУМ хæрзарæзт кæнынц рагон фидары территори

© Пресс-служба МЧС РЮОХуссар Иры УУМ хæрзарæзт кæнынц рагон фидары территори
Хуссар Иры УУМ хæрзарæзт кæнынц рагон фидары территори - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) кусджытæ бавнæлдтой рагон фидары территори сыгъдæг кæнынмæ Цхинвалы цур, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
Культурон бынты объект, кæцы ис авд километры дæрддзæф Цхинвалæй, уый размæ радтой УУМ патронажмæ.
"УУМ кусджытæ цалдæр боны дæргъы сыгъдæг кæнынц территори. Объектыл куыстытæ иууылдæр æххæст цæуынц культурæйы министрадимæ бадзырдмæ гæсгæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан уый размæ бахæс кодта Культурæйы министрадæн саразын æмæ реализаци скæнын мадзæлтты комплекс, цæмæй хæрзарæзт æрцæуой культурæйы цыртдзæвæнтæ, рагон кувæндæттæ æмæ æндæр культурон объекттæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0