Нарты кадджытæ. Æртæ Нарты. Сырдоны райгуырд. Уырызмæг æмæ Æлдæн-мæликк

Нарты кадджытæ. Æртæ Нарты. Сырдоны райгуырд. Уырызмæг æмæ Æлдæн-мæликк
Рафыссын
Уæрхæг æмæ Дзерассæйæн райгуырди дыууæ фаззоны. Дыууæ фаззонæй сæ иу куы гуырди, уæд иннæ та йæ мады уæнгтæй ысбырыд: иумæ райгуырын сын зын уыди. Уыйадыл фыццаг лæппуйыл сывæрдтой Фарнæг зæгъгæ, ахæм ном, фарны куырд ракодта æмæ уымæн, фæлæ уæнтæй чи райгуырди, уый та схуыдтой Уæн.
Фарнæг æмæ Уæн рахъомыл ысты æмæ иумæ нал фидыдтой Уæрхæджы зæнæг. Хæмыц æмæ Уырызмæг сæхи сæ фыд Æхсæртæджы номыл ныууагътой, æмæ равзæрдысты Æхсæртæггатæ. Уæн æмæ Фарнæг та сæ фыдыфыд Борæйы намыс ысхуыдтой сæхи æмæ рацыдысты Борæтæ. Уæрхтæнæгæн ма иу фырт уыди Алæг, зæгъгæ, æмæ уый та йæхи номыл ныууагъта фæд – Алæгатæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0