УФ Смоленскы областы бахъыгдард сты æртаджы объекттæ дронты атакæйы фæстиуæгæн

© Sputnik / Виталий Тимкив /  Ахизын медиабанкмæПАИ пост
ПАИ пост - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 июн - Sputnik. Уæрæсейы Смоленскы областы дыууæ æнæпилотон тæхæг аппараты атакæ скодтой æртагон-энергетикон комплексы объекттæ, фехъусын кодта губернаторы хæстæ æххæстгæнæг Василий Анохин йæ телеграм-каналы.
Регионы разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, критикон фехæлдтæ, зынгсирвæзттæ æмæ зианбаййафджытæ цауы фæстиуæгæн нæй.

"Абон æхсæвы 3 сахатмæ æввахс Починковскийы районы Пересна хъæуы æмæ Смоленскы районы Дивасы хъæуы дыууæ æнæпилотон тæхæг аппараты атакæ скодтой æртагон-энергетикон комплексы объекттæ. Цауы фæстиуæгæн зианбаййафджытæ нæй", - банысан кодта Анохин.

Областы оперативон службæтæ кусынц бынаты фæстиуджытæ аиуварс кæнынæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0