Хуссар Иры фылдæр кæны сырх чиныджы цæрæгойты популяци

© Sputnik / Александра Алборова Арсы лæппынтæ
Арсы лæппынтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 июн – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Экологи, геологи æмæ æрдзæй пайдакæнынады комитет азы дæргъы нывæнды баххæст кæнын республикæйы цæрæгойты нымæц уæздан саг æмæ фазанæй, фехъусын кодта журналисттæн уагдоны геологи æмæ æрдзæй пайда кæнынады фæдыл фæткдаруаты хистæр Кочысаты Роксана.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны фауна баххæст кæныны фарст нырма ис бакуысты этапыл.
"Уæрæсейы Федерацийæ хъуамæ æрласой уæздан сагты, афтæ ма фазанты дæр", - фехъусын кодта Кочысаты Роксана Хуссар Ирыстоны мыхуыр æмæ информацийы комитеты пресс-конференцийы рæстæджы.
Республикæйы хъæдты цæрæгойты популяци фæфылдæр ис, банысан кодта Кочысаты Роксана.
"Хуссар Ирыстоны фæфылдæр уæздан саг, арс, уырд, стай, къуырмгарк æмæ зым. Хъæддаг хуытимæ нын уыд проблемæтæ хуыты африкæйаг емынæйы тыххæй. Знауыры районы нæм баззад æрмæстдæр 70 хъæддаг хуыйы", - радзырдта фæткдаруаты сæргълæууæг.
Ног хабӕртты лентӕ
0