Коцойты Арсен. Уацмыстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2023
Коцойты Арсен.Уацмыстæ

КОЦОЙТЫ АРСЕН. ÆХЦАЙЫ ЧЫРЫН

КОЦОЙТЫ АРСЕН. ÆХЦАЙЫ ЧЫРЫН
Рафыссын
Куыддæр фыццаг кæркуасæнтæ ахицæн сты, афтæ Сæйтт рауади хæдзарæй, йæ куырæты æгънæджытæ æвæргæйæ, æмæ кауы сæрты бахъæр кодта Уæсмæнмæ:
— Сыст уæлæмæ, мæрдвынæй бадæ æви цы?!
Уæсмæны хуыссæнуат каумæ хæстæг уыди. Уайтагъд фехъал ис, йæ цæстытæ аууæрста æмæ рауади кæртмæ. Сæйтты дзурын кæй уыди, уый базыдта, фæлæ цæй тыххæй дзуры, ууыл дис кодта.
— Цы хъæр кæныс? Цы дыл æрцыди?
— Нæ фехъуыстай? Кадеттæ Дзæуджыхъæу ныууагътой, хæхты сæрты фалæмæ фæхизынц. Коммунисттæ та иннæбонæй раздæр не ссæудзысты... Ифтындзгæ тагъд! Хъуамæ иннæтæй фæстæдæр ма баззайæм!
Уæсмæн ницыуал сдзырдта, фæлæ сарайы фæмидæг ис бæхуæрдон цæттæ кæнынмæ.
Æрæджы, коммунисттæ куы фæлыгъдысты æмæ кадеттæ куы нæма схæццæ сты, уæддæр Уæсмæны ницы хай фæци, æмæ уæдæй фæстæмæ бирæ маст уыди йæ зæрдæйы. Ныр хъуамæ баххæст кæна уæды хъуаг дæр... Акæс-ма, дæлæ сæгъыбоцъо Хъасболатмæ! Йæ цæрæнбонты гал йеддæмæ ницы радавта, ныр уый дæр ма йæ хæдзар алы дзаумайæ байдзаг кодта. Къæлæт бандæттæ сласта 52, стъолтæ 18, ноджы ахæм айдæн, æмæ уаты фæрсмæ дæр нæ цыди, хæрдмæ дæр, — уæртæ сарайы къулыл æнцойгондæй лæууы...
Дарддæр хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0