Цхинвалы ацӕудзӕн СÆО фӕмардуӕвӕг хӕстоны номарӕн турнир ӕмбуар хӕстӕй

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæӕмбуар хӕст
ӕмбуар хӕст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы ацӕудзӕн Хуссар Ирыстонӕй дунеон ерысты фыццаг призер Бесаты Русланы номарӕн турнир ӕмбуар хӕстӕй, фехъусын кодта Sputnik ӕмбуар хӕсты федерацийы президент Уарзиаты Алексей.
Бесаты Руслан фӕмард ис Мариуполы тохы ивгъуыд аз апрелы сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы рӕстӕджы.
"2016 азы Хуссар Ирыстоны командӕ фыццаг хатт хайад райста Дунейы чемпионаты ӕмбуар хӕстӕй. Уӕд ацы ерыстӕй фыццаг ӕвзист майдан Хуссар Ирыстонмӕ ӕрхаста Бесаты Руслан. Уый фӕхӕрд ис ӕрмӕст финалы номдзыд спортсменӕн", - загъта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕввахс рӕстӕджы лӕппуйы бинонтӕн ратдзысты йӕ спортивон хорзӕхтӕ.
"Тагъд рӕстӕджы хъавын Мӕскуымӕ ацӕуын ӕмӕ ӕрхӕсдзӕн йӕ сертификат, кӕцы бӕлвырд кӕны йӕ хорзӕхтӕ, фыццаг дан ӕмӕ йӕ сау рон. Фӕстӕдӕр та йӕ номыл ауадздзыстӕм турнир", - бафтыдта Уарзиаты Алексей.
Бесаты Руслан райгуырд 14 июлы 1986 азы. Хицӕн азты службӕ хаста фидауынгӕнӕг тыхты ирон батальоны, хъахъхъӕнынады министрады ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр дӕлхайӕдты. Уыд гуырдзиаг ӕрбабырсты ныхмӕ активон тохгӕнӕг. Йӕ амӕлӕты фӕстӕ хорзӕхджын ӕрцыд майдан "Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕг"-ӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0