Цхинвалы микрорайонтæй иуы ссыгъд хисæрмагонд хæдзар

© Photo : Пресс-служба МЧС РЮОЦхинвалы микрорайонтæй иуы ссыгъд хисæрмагонд хæдзар
Цхинвалы микрорайонтæй иуы ссыгъд хисæрмагонд хæдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 июн - Sputnik. Цхинвалы микрорайон "Мæскуыйаг"-ы ссыгъд хисæрмагонд хæдзар, хъусын кæны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.

"Знон 21.34 сахатыл уагдоны радгæсон хайадмæ æрбацыд хъусинаг хисæрмагонд хæдзары зынгсирвæзты фæдыл Цхинвалы "Мæскуыйаг" микрорайоны", - дзырдæуы хъусинаджы.

Цауы бынатмæ ацыдысты æртæ зынгфæдисон къорды. Зынгсирвæзт æвæстиатæй аиуварс кодтой.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, зынгсирвæзты фæстиуæгæн ничи бахъыгдард.
Ног хабӕртты лентӕ
0