Гаглойты Алан: уырыссаг æвзаг у стыр хæзна, кæцы æрбаиу кæны адæмы

© PhotoГаглойты Алан
Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ кодта республикæйы цæрджытæн Уырыссаг æвзаджы боны цытæн æмæ банысан кодта, уый кæй у адæмы сæйраг хæзна.
"Уырыссаг æвзаг у стыр хæзна, кæцы æрбаиу кæны мах Уырыссаг дунемæ. Уырыссаг æвзаг у хъæздыг, рæсугъд æмæ алыгъуызон", - бахахх кодта президент.
Хуссар Ирыстоны уырыссаг æвзаг, куыд дыккаг паддзахадон æвзаг, у Уæрæсейы адæмимæ иудзинады дæнцæг, адарддæр кодта президент.
Паддзахады сæргълæууæг зæрдыл æрлæууын кодта, Уырыссаг æвзаджы бон кæй æрæмных кодтой номдзыд уырыссаг поэт, уырыссаг литературон æвзаджы бындурæвæрæг – Александр Сергейы фырт Пушкины райгуырæн бонмæ.
"Йæ æнæмæлгæ уацмыстæ æввахс сты алыгъуызон адæмы минæвæрттæн. Йæ сфæлдыстад у стыр хæзна дунеон культурæйæн", - банысан кодта президент.
Гаглойты Алан æрсидт хъахъхъæнын æмæ уарзын уырыссаг æвзаг.
Ног хабӕртты лентӕ
0