Транскам рæстæгмæ сæхгæндзысты доны хæтæлыл куыстыты тыххæй

© Photo : Пресс-служба Комавтодора РЮОТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 июн — Sputnik. Едыс-Цхинвал доны хæтæлыл Паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал" цы куыстытæ æххæст кæны, уый фæдыл Транскамы хуссарирыстойнаг фадыг сæхгæндзысты автотранспорты змæлдæн 6 июны æхсæвы.
"Куыстытæ уагъд цæудзысты Дзомагъы комы районы. Æдасдзинад сæххæст кæныны нысанæн фæндагон змæлд æруромдзысты Уанел – Ручъы тоннелы Хуссар портал фадыгыл дыууæрдæм дæр 6 июны æхсæвы 00.00 сахатæй 07.00 сахаты онг", - дзырдæуы хъусинаджы.
УУМ сиды фæндагон змæлды хайадисджытæм, цæмæй æмбаргæ ахаст дарой ацы мадзæлттæм.
Ног хабӕртты лентӕ
0