https://sputnik-ossetia.com/20230606/tskhinvaly-banysan-kodtoy-uyryssag-avzadzhy-bon-23738465.html
Цхинвалы банысан кодтой уырыссаг ӕвзаджы бон
Цхинвалы банысан кодтой уырыссаг ӕвзаджы бон
ЦХИНВАЛ, 6 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы банысан кодтой уырыссаг ӕвзаджы бон ӕмӕ номдзыд уырыссаг поэт Александр Пушкины райгуырӕн... 06.06.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-06-06T15:08+0300
2023-06-06T15:08+0300
2023-06-06T15:08+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
/html/head/meta[@name='og:title']/@content
/html/head/meta[@name='og:description']/@content
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/06/06/23733953_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_bae770a6a279d49fde7efb4a79c9eaf6.jpg
ЦХИНВАЛ, 6 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы банысан кодтой уырыссаг ӕвзаджы бон ӕмӕ номдзыд уырыссаг поэт Александр Пушкины райгуырӕн бон. Бӕрӕгбонон мадзал ацыд Пушкины скверы. Бацӕттӕ йӕ кодта уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнджыты ассоциации Уырыссаг хӕдзары ӕххуысӕй. Пушкины цырты цурмӕ ӕрбацыдысты Хуссар Ирыстоны хицауады уӕнгтӕ, Уӕрӕсейы минӕварады кусджытӕ, уырыссаг ӕвзаджы ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ студенттӕ.Ӕрымбырдуӕвджытӕ дзырдтой ацы боны нысаниуӕгыл ӕмӕ Хуссар Ирыстоны уырыссаг ӕвзагӕн кӕй кад кӕнынц мадӕлон ӕвзаджы бӕрц, ууыл. Уӕрӕсейы минӕварады уынаффӕгӕнӕг Максим Ершов бузныджы ныхӕстӕ загъта Хуссар Ирыстоны ахӕм бӕрзонд ӕмвӕзадыл кӕй ис уырыссаг ӕвзагӕн, уый тыххӕй. Мадзал балхныцъ кодтой дидинтӕ сӕвӕрыны церемонийӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/06/06/23733953_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_8c6d9c7ed3ca48710d84bbbfc7d7f979.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Цхинвалы банысан кодтой уырыссаг ӕвзаджы бон
ЦХИНВАЛ, 6 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы банысан кодтой уырыссаг ӕвзаджы бон ӕмӕ номдзыд уырыссаг поэт Александр Пушкины райгуырӕн бон.
Бӕрӕгбонон мадзал ацыд Пушкины скверы. Бацӕттӕ йӕ кодта уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнджыты ассоциации Уырыссаг хӕдзары ӕххуысӕй. Пушкины цырты цурмӕ ӕрбацыдысты Хуссар Ирыстоны хицауады уӕнгтӕ, Уӕрӕсейы минӕварады кусджытӕ, уырыссаг ӕвзаджы ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ студенттӕ.
Ӕрымбырдуӕвджытӕ дзырдтой ацы боны нысаниуӕгыл ӕмӕ Хуссар Ирыстоны уырыссаг ӕвзагӕн кӕй кад кӕнынц мадӕлон ӕвзаджы бӕрц, ууыл.
"Фӕдзурынц, зӕгъгӕ, адӕймаг цы ӕвзагыл хъуыды кӕны, уый у мадӕлон. Махӕн нӕ фылдӕр хъуыды кӕны уырыссаг ӕвзагыл, уый у нӕ дыккаг мадӕлон ӕвзаг", - загъта уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературайы ахуыргӕнӕнджыты ассоциацийы цытджын уӕнг, национ банчы хистӕр Джиоты Жанна.
Уӕрӕсейы минӕварады уынаффӕгӕнӕг Максим Ершов бузныджы ныхӕстӕ загъта Хуссар Ирыстоны ахӕм бӕрзонд ӕмвӕзадыл кӕй ис уырыссаг ӕвзагӕн, уый тыххӕй. Мадзал балхныцъ кодтой дидинтӕ сӕвӕрыны церемонийӕ.