Уæрæсейаг æфсæдтæ не ‘руагътой Украинæйы Гарзджын тыхты размæбырст

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æфсæдтæ
Уæрæсейаг æфсæдтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 июн - Sputnik. Уæрæсейы Гарзджын тыхты "Скæсæн" æфсæдты къорды дæлхайæдтæ не ‘руагътой украинæйаг æфсæддонты размæбырст Хуссардонецкаг здæхтыл, скуынæг кодтой знаджы 17 танчы æмæ бронтехникæйы æндæр хуызтæ, фехъусын кодта æфсæдты къорд "Скæсæн"-ы пресс-центры хистæр Олег Чехов, кæцыйы ныхæстæ радæтта РИА Новости.
"Хуссардонецкаг здæхтыл æфсæдты къорд "Скæсæн"-ы раззагон дæлхайæдтæ æрурæдтой ныхмæлæууæджы размæбырст. Артиллери æмæ авиацийы æххуысæй скуынæг кодтой 13 танчы, пехотæйы дыууæ хæстон хæдтулгæйы, æхсæз бронемашинæйы Привольный æмæ Нескучныйы районы, афтæ ма иу танк æмæ украинæйаг æфсæддонты Новодаровкайы районы. Куынæггонд æрцыдысты æртæ танчы, æртæ бронемашинæйы æмæ фондз пикапы Ольговскийы районы", - фехъусын кодта Чехов.
Уымæй дарддæр Уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ скуынæг кодтой украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараттæ "Валькирия", "Фурия" æмæ "Лелека".
Ног хабӕртты лентӕ
0