Авд адæймаджы æбæрæгæй фæсæфтысты Каховкайы ГЭС фехалыны фæстæ

Новая Каховка - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 июн – Sputnik. Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, авд адæймаджы æбæрæгæй фесæфтысты ГЭС фехалын æмæ Новая Каховкайы районы донбылгæрæтты фæдæлдоны фæстиуæгæн. Уый тыххæй æртыццæджы фехъусын кодта РИА Новости горæты администрацийы сæргълæууæг Владимир Леонтьевы ныхæстыл æнцойгæнгæйæ.
"Бæлвырд кæнæм информаци æбæрæгæй фесæфджыты фæдыл, фæлæ уыдон дæр гæнæн ис эвакуаци скодтой фæдæлдоны районтæй. Фыййæуттæ уыдысты…Авд адæймаджы бæрц, кæцыты тыххæй дырысæй зонæм", - загъта Леонтьев.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныры онг дæр фæдæлдоны районы доны æмвæзад у егъау æмæ оперативон штабы минæвæрттæ – УУМ æмæ горæты администрацийы кусджытæ – дарддæр агурынц ацы территоритыл зианбаййафджыты.
Ног хабӕртты лентӕ
0