Хуссар Иры арæзтады министр радзырдта, цы ивындзинæдтæ бахастой Инвестпрограммæмæ

© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры арæзтады министр радзырдта, цы ивындзинæдтæ бахастой Инвестпрограммæмæ
Хуссар Иры арæзтады министр радзырдта, цы ивындзинæдтæ бахастой Инвестпрограммæмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 июн – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзтæн ахъазгæнæг инвестицион программæмæ æввахс æртæ азмæ бахастой цалдæр ног мадзалы, фехъусын кодта хицауады рабадтыл арæзтады министр Елдзарты Константин.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг Æхсæнхицауадон къамисы æмсæрдарты скъуыддзагæй Инвестпрограммæ снысан кæндзысты ног редакцийы.
Елдзарты Константин банысан кодта, программæмæ кæй бахастой мадзал информацион-техникон фæрæзтæ балхæныны фæдыл Таможнæйы комитетæн.
"Афтæ ма сбæрæг кодтой хуссарирыстойнаг фарсæй бавдисгæ ног мадзæлттæ Зонкъары донæвæрæны шлюзон комплексы цалцæджы фæдыл æмæ горæт Къуайсайы донифтонгады системæйы модернизацийы проектон-сметон документаци саразыны фæдыл. Ацы объектты фæдыл заказчикæй снысан кодтой Арæзтады министрады", - бахахх кодта уагдоны сæргълæууæг.
Хицауад æмхъæлæсæй сфидар кодта министрты кабинеты æмбæлон уынаффæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0