Хуссар Иры Ленингоры районы раздæры прокуроры фæдыл бакодтой уголовон хъуыддаг

© RoscrimeУголовон хъуыддаг
Уголовон хъуыддаг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны генералон прокуратурæйы фæдагуырды фæткдаруат бакодта уголовон хъуыддаг республикæйы Ленингоры районы раздæры прокурор Хъуылымбегты Аланы фæдыл статьямæ гæсгæ "Присвоение или растрата, совершенные лицом с использованием своего служебного положения, а равно в крупном размере". Уый тыххæй хъусын кæны РХИ Генпрокуратурæйы пресс-службæ.
Фæдагуырды версимæ гæсгæ, 2020 азы 24 ноябры Хъуылымбегты Алан "йæ финансон проблемæтæ аскъуыддзаг кæныны нысанæн йæ куыстбынаты уавæрæй пайдагæнгæйæ бахызт раздæры генпрокурор Дзæгъиаты Уырызмæджы æууæнчы æмæ райста æнæбюджетон хыгъдæй 400 мин сомы, афтæмæй баныфсæвæрдта, кæй сæ ратдзæн фæстæмæ иу мæймæ", радзырдтой уагдоны. Фæлæ Хъуылымбегты Алан нæ нывæндыд фæстæмæ раттын æхцатæ, бафтыдтой Генпрокуратурæйы.
"Ныртæккæ уагъд цæуы фæдагуырдон архæйдтыты комплекс, бæрæг цæуынц фыдракæнды æууæлтæ", - банысан кодтой Генпрокуратурæйы.
Ног хабӕртты лентӕ
0