Хуссар Иры раздæры генпрокуроры фæдыл бакодтой ноджы иу уголовон хъуыддаг

© Официальный сайт Генпрокуратуры РФ Дзæгъиаты Уырызмæг
Дзæгъиаты Уырызмæг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны генералон прокуратурæйы фæдагуырды фæткдаруат бакодта уголовон хъуыддаг республикæйы раздæры генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæджы фæдыл статьятæм гæсгæ "Превышение должностных полномочий с причинением тяжких последствий" æмæ "Превышение должностных полномочий лицом, занимающим государственную должность". Уый тыххæй æртыццæджы фехъусын кодта уагдоны пресс-службæ.
Генпрокуратурæйы куыд банысан кодтой, афтæмæй фæдагуырд сбæрæг кодта, Дзæгъиаты Уырызмæг кæй бахæс кодта раттын Ленингоры районы раздæры прокурор Хъуылымбегты Аланæн дыууæ милуан сомы прокуратурæйы æнæбюджетон хыгъдæй.
"Ныртæккæ ацы уголовон хъуыддаджы фæдыл уагъд цæуынц æнæмæнгхъæугæ фæдагуырдон архæйдтытæ", - бафтыдтой уагдоны.
Раздæр куыд хъусын кодтой, афтæмæй майы экс-генпрокурорыл бакодтой уголовон хъуыддаг "Превышение должностных полномочий" статьямæ гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0