Цæгат Иры нывæндынц 6 фæндагон объекты арæзтад æмæ реконструкци

© Sputnik / Денис Абрамов /  Ахизын медиабанкмæДзæуджыхъæу
Дзæуджыхъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik. Цæгат Ирыстоны 2023 азы нывæндынц æхсæз фæндагон объекты арæзтад æмæ реконструкци. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы транспорт æмæ фæндагон инфраструктурæйы Комитеты сæрдар.
"Сæ нымæцы: автомобилон фæндаг Дзæуджыхъæу – Æрыдон – Чикола – Лескен II, афтофæндаг Дæллаг Зæрæмæгæй рекреацион комплекс "Мамысон"-мæ", - загъта уый.
Уымæй дарддæр объектты нымæцы – автофæндаджы реконструкци федералон фæндаг А-164 "Транскам"-æй рекреацион комплекс "Мамысон"-имæ, "Транскам" - Уæллаг Згид – Мацута фæндаджы цалцæг æмæ ма ноджы æндæр регионалон нысаниуæджы фæндæгтæ.
Уымæй дарддæр сцалцæг кæндзысты æхсæз хидон ахизæны, кæцытæ сты аварион уавæры. Фондз объекты эксплуатацимæ ратдзысты ацы аз.
Ног хабӕртты лентӕ
0