Цхинвалы капиталон цалцæг скæндзысты ноджы иу уынг

© Sputnik / Ада БагианЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны фæндагон службæтæ бавнæлдтой Мичурины уынджы капиталон цалцæгмæ. Уый тыххæй Sputnik-æн фехъусын кодта Комавтодоры сæргълæууæг Гæбæраты Алан.
Уый банысан кодта, уынгыл ныридæгæн кæй ауагътой æнæмæнгхъæугæ куыстытæ "Энергоресурс" æмæ "Водоканал".
"Абон бавнæлдтам куыстытæм Мичурины уынгыл. Уый у иунæг уынг Цхинвалы Инвестпрограммæйы фæлгæты, кæцы махæн радтой аразынмæ. Аннæ уынгтыл нырма æвæрд цæуынц коммуникацитæ æмæ электроифтонгады хæххытæ", - банысан кодта Гæбæраты Алан.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Мичурины уынг араздзысты дыууæ мæйы дæргъы. 2023 азы араздзысты Медведевы æмæ Путины уынгтæ (микрорайон "Мæскуыйаг"), Кавказаг, Бушы, Гагарины, Икъаты, Мичурины, Козаты æмæ Сталины уынджы хай.
Ног хабӕртты лентӕ
0