УФ уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ иу суткæмæ æрыппæрстой дыууæ украинæйаг хæдтæхæджы

© Sputnik / Виталий БелоусовХъахъхъæнынады министрад
Хъахъхъæнынады министрад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik. Уæрæсейаг уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ иу суткæмæ æрыппæрстой дыууæ украинæйаг хæдтæхæджы Су-27 æмæ МиГ-29, хъусын кæны УФ Хъахъхъæнынады министрад.
Уагдоны куыд банысан кодтой, афтæмæй Су-27 æрыппæрстой Донецкаг адæмон республикæйы Никифоровка цæрæн пункты районы. МиГ-29 та æрыппæрстой Запорожаг областы Любицкое цæрæн пункты районы.
Афтæ ма иу суткæмæ æрыппæрстой залпон æхсты реактивон системæтæ HIMARS, "Ураган" æмæ "Ольха"-йы 24 сармадзаны. Куынæггонд æрцыдысты 22 украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты ДАР, ЛАР, Запорожаг æмæ Херсоны областы.
Æдæппæт сæрмагонд æфсæддон операцийы райдайæнæй скуынæг кодтой: 438 хæдтæхæджы, 238 вертолеты, 4527 æнæпилотон тæхæг аппараты, 424 зенитон-ракетон комплексы, 9634 танчы æмæ æндæр хæстон хæдтулгæйы, залпон æхсты реактивон системæты 1119 хæстон хæдтулгæйы, быдырон артиллери æмæ минометты 5043 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 10 771 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0