Коцойты Арсен. Уацмыстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2023
Коцойты Арсен.Уацмыстæ

КОЦОЙТЫ АРСЕН. "ФЫДÆБОНЫ" ЧЫЗГ

КОЦОЙТЫ АРСЕН. «ФЫДÆБОНЫ» ЧЫЗГ
Рафыссын
Колхозонтæ сæ сихор ахицæн кодтой. Хæрæндонæй рацæуынц æртæйæ. Сæ иумæ — чиныг, йæ сыфтæ йын рафæлдах-бафæлдах кæны.
— Цы уын дзы бакæсон?
— Диссагдæр чи у, ахæм исты.
— Зæрдæйыл чи æмбæла, ахæм.
— Ис ахæм... Æрбадæм уæртæ уым бæласы бын бандоныл.
Æрбынат кодтой. Рацæуынц дыууæйæ. Иуæн йæ къухты шашкæты фæйнæг, иннæйы къухты та шашкæты лагъз.
— Амбулдзынæн дæ абон.
— Фыццаг хæттыты хуызæн та æмбылды фæуыдзынæ. Рацæуынц иннæ колхозонтæ дæр — нæлгоймæгтæ, сылгоймæгтæ, зæрæдтæ, фæсивæд. Зæрæдтæ æрбынат кодтой къулы рæбын, хурмæ (уалдзæг у, уазал у нырма) ныхас кæнынц, дзурынц алы хабæрттæ. Фæсивæд къордгæйттæ кæнынц, дзурынц, чи кæй бауарзта, чи кæй нал уарзы, чи кæй куры.
Мæнæ рацыди иу чызг фæндыримæ æмæ æрцагъта тымбыл кафты цагъд. Фæсивæд базмæлыдысты, байстой сæхи станы цур фæзмæ, æрлæууыдысты зиллакк, лæппутæ — иуæрдыгæй, чызджытæ — иннæрдыгæй.
Чидæр фæзынди хæдвæндæй:
— Æз дæн абон амонæг. Хъусут мæнмæ!.. Зиллакк ауæрæхдæр кæнут!.. Чызджытæ, чи уæ ракафдзæн раздæр?
Рацыди иу чызг, аленк кодта йæ къæхты фындзтыл. Йæ фæстæ йæхи ауагъта иу лæппу, хъæртæгæнгæ:
— Урц... урц!.. Æс... æс!..
Рацыди æндæр чызг.
Айхъуысти кæйдæр хæлæггæнæг хъæлæс:
— Стахановонты раздзог! Кафты дæр йæхи разæй кæны!
Амонæг дзуры:
— Темболат, кæм дæ?
Амонæг зыдта, Темболат Динæйы кæй уарзы, уый.
Дарддæр хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0