Транскамы зӕйты ныхмӕ галерей сцалцӕг кӕндзысты ӕмӕ йӕ сфӕлынддзысты ирон стилы

© Photo : Комавтодор РЮО Транскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 июн - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Ручъы тоннелӕй фыццаг галерей Транскавкзаг автомагистралы хуссарирыстойнаг фадыгыл сцалцӕг кӕндзысты ӕмӕ сфӕлынддзысты национ стилы, радзырдта Sputnik-ӕн Хуссар Ирыстоны Комавтодоры сӕргълӕууӕг Гӕбӕраты Алан.
"Мах сцалцӕг кӕндзыстӕм галерей – йе ‘ддаг уынд уыдзӕн рагон мӕсыджы хуызӕн. Афтӕ ма Ручъы тоннелӕй галерейы онг ӕмӕ галерейы мидӕг дӕр сӕвӕрдзыстӕм рухсытӕ", - банысан кодта Гӕбӕраты Алан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хуссарирыстойнаг фарсыл Ручъы тоннелӕй рахизӕны трассӕгӕрӕтты сӕвӕрдзысты дыууӕ сӕдӕйӕ фылдӕр ног бетонон парапеты.
Раздӕр куыд хъусын кодтой, афтӕмӕй майы райдайӕны фӕндагон службӕтӕ бавнӕлдтой Транскамы хуссарирыстойнаг хайы цалцӕгмӕ.
© Photo : Комавтодор РЮО Транскамы зӕйты ныхмӕ галерейы цалцӕджы проект
Проект реконструкции противолавинной галереи на югоосетинском участке Транскама - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.06.2023
Транскамы зӕйты ныхмӕ галерейы цалцӕджы проект
Ног хабӕртты лентӕ
0