Дыууæ адæймаджы фæцæф сты дрон æрхауыны фæстиуæгæн Воронежы

© Sputnik / Алексей Сухоруков /  Ахизын медиабанкмæТагъд æххуыс
Тагъд æххуыс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 июн — Sputnik. Дыууæ адæймаджы фæцæф сты æнæпилотон тæхæг аппарат æрхауыны фæстиуæгæн Воронежы, фехъусын кодта регионы губернатор Александр Гусев.
Дрон æрхаудта Воронежы Белинскийы уынгыл.
"Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Воронежы Белинскийы уынгыл цауы фæстæ дыууæ адæймаджы фæцæф сты, уыдонæн бакодтой медицинон æххуыс", - ныффыста Гусев йæ телеграм-каналы.
РИА Новости куыд хъусын кæны, афтæмæй Воронежы бирæфатерон хæдзары дрон æрхауыны фæстиуæгæн бахъыгдард дыккаг æмæ æртыккаг уæладзыджы æхсæн: зиан баййæфтой цалдæр фатеры æмæ офисон центр. Цауы фæстæ хæдзары донифтонгад æмæ газ нæ ахицæн кодтой.
Ног хабӕртты лентӕ
0