Хуссар Иры хицауад сфидар кодта ивындзинæдтæ бюджетмæ

© Sputnik / Natalia AiriyanРХИ хицауады рабадт
РХИ хицауады рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 июн — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон бафиддзæн Уæрæсейæн электроэнергийы хæсы хай. Республикæйы хицауад майрæмбоны райста æмбæлон ивындзинæдтæ бюджетмæ.
Финансты министры хæдивæг Тыбылты Марина банысан кодта, бæстæйы сæйраг финансон документмæ ивындзинæдтæ бахæссын хъæуы уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг Æхсæнхицауадон къамисы скъуыддзаг сæххæст кæныны нысанæн.
"Ивындзинæдтæ хауынц Инвестпрограммæйы фæрæзтæй 50 милуан сомы социалон-экономикон райрæзтæн рахицæн кæнынæнмæ, цæмæй бафидой электроэнергийы хæсы хай", - бахахх кодта Тыбылты Марина.
Афтæ ма бюджетмæ бахастой æхцайы фæрæзтæ мыздтæ фæфылдæр кæнынæн барадхъахъхъæнæг органты кусджытæн, кæцыты равдыстой Æхсæнхицауадон къамисы протоколы. Уый хауы ПÆК, ÆРС, Хъахъхъæнынады министрад, Таможнæйон комитет æмæ Паддзахадон хъахъхъæнынады службæмæ.
Йæ ныхæстæм гæсгæ нывæндынц фæфылдæр кæнын фæрæзты гуырахст кæцыдæр унитарон куыстуæттæн субсидитæн, уымæн æмæ фæфылдæр сты цæрæнуатон-коммуналон лæггæдты тарифтæ.
Хицауады уæнгтæ сфидар кодтой финансон документмæ ивындзинæдттæ бахæссыны хъæппæристæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0