Гаглойты Алан басгæрста Едыс-Цхинвал доны хæтæлыл авари аиуварс кæныны фæдыл куыстытæ

© Пресс-служба мэрии г. ЦхинвалАвари доны хæтæлыл
Авари доны хæтæлыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан басгæрста Едыс-Цхинвал доны хæтæлыл авари аиуварс кæныны фæдыл куыстытæ, фехъусын кодта президенты пресс-секретарь Босыкты Наталья.
Паддзахады сæргълæууæгимæ аварийы бынатмæ æрцыд Цхинвалы мэр Хуыгаты Ромео æмæ Паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал"-ы разамонæг Сиукъаты Иван.
Сиукъаты Иван банысан кодта, куыстытæ кæй нывæндынц балхынцъ кæнын абон сихоры онг.
"Адæм дзы кусынц дыккаг суткæйы дæргъы. Алцыдæр сараздзыстæм, цæмæй столицæмæ дон райдайа цæуын тагъд рæстæджы", - загъта уагдоны хистæр.
Гаглойты Алан бузныг загъта алкæмæндæр, чи кусы аварийы фæстиуджытæ аиуварс кæныныл.
Ног хабӕртты лентӕ
0