Хуссар Иры МСНК æфсæддонтæ сæххæст кодтой 75 километры марш бронетранспортертыл

© Пресс-служба МО РЮОХуссар Ирыстоны СМНК æфсæддонтæ сæххæст кодтой 75 километры цыд бронетранспортертыл
Хуссар Ирыстоны СМНК æфсæддонтæ сæххæст кодтой 75 километры цыд бронетранспортертыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 июн - Sputnik. Бронетранспортертæ БТР-80 æмæ Гæззаты Вадимы номыл Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды (МСНК) 40 æфсæддоны сæххæст кодтой 75 километрон марш Цхинвал-Джер-Дзау-Цхинвал маршрутыл, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны МХМ пресс-службæ.
Къорды скъæрджытæ æмæ механиктæ маршы рæстæджы зонындзинæдтæй спайда кодтой, алыхуызон ныхдурты сæрты ацыдысты æмæ сæххæст кодтой алыхуызон маневртæ, радзырдтой министрады.
"Уымæй дарддæр ма сæрмагонд къорды кусджытæ ауагътой ахуыртæ æфсæддон ралæудты амады фæдыл дæр, бастдзинæдты фæрæзтæй пайдагæнгæйæ, бакуыстой цæрæг пункттæ æмæ хæххон бынæтты цæугæйæ техникæйæ архайыны мадзæлттыл, рацыдысты маршрут колоннæйы арæзты максималон æмæ минималон тагъдадтыл", - банысан кодтой МХМ.
МСНК бронетехникæйы марш арæзт æрцыд скъæрæг механиктæн сæ дæсныйад фæуæлдæр кæныны нысанæн, хæххон бынæтты æмæ цæст æвзæр кæм æвзары, ахæм бынæтты скъæрыны зонындзинæдтæ сфидар кæнын.
Ног хабӕртты лентӕ
0