Коцойты Арсен. Уацмыстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2023
Коцойты Арсен.Уацмыстæ

КОЦОЙТЫ АРСЕН. СÆГЪ ÆМÆ ЧИНЫГ

КОЦОЙТЫ АРСЕН. СÆГЪ ÆМÆ ЧИНЫГ
Рафыссын
Раджы, тынг раджы, Индийы стыр бæстæйы цардысты æртæ æфсымæры — иу фыд, иу мадæй гуырд. Хистæр æфсымæр хуындис Къуындзих, астæуккаг — Къабуз æмæ кæстæр — Бырынкъ. Дунесфæлдисæг Буддæ адæмтæн чингуытæ куы уæрста, уæд ацы æртæ æфсымæрæн дæр ратта диссаджы рæсугъд чиныг. Радта Буддæ чиныг æмæ загъта:
— Хъахъхъæнут ацы чиныг, хурæй ма басудзæд, уазалæй ма ныссæлæд, уарынæй ма ныххуылыдз уæд, фыдызнаг уын æй ма фæхæссæд! Цалынмæ уый уæ къухты уа, уалынмæ уын фыдгулы цæст нæ разиан кæндзæн, тыхгæнæг уын тых нæ бакæндзæн. Уæ быдыры — хорзад, уæ фосдоны — фосзад, уæ бинонтæ — æнæниз æмæ амондджын.
Афтæ зæгъгæйæ, Буддæ йæ къух арвы ’рдæм фезмæлын кодта, æмæ уайтагъд йæ тæккæ къæхты раз æрæнцади сызгъæрин асин. Цæстыфæныкъуылдмæ сфардæг ис Буддæ уæларвмæ. Уым сызгъæринцъарджын баз йæ нывæрзæн акодта æмæ, хуыр-хуыр кæнгæйæ, йæ фæллад уагъта. Уæд æртæ æфсымæры сфæнд кодтой Буддæйы хæрзиуæджы тыххæй куывд саразын. Æрæвæрдтой стыр тæрсы бын æртæ дурыны дзаг цывзыджын арахъ. Бирæ фæкуывтой æртæ æфсымæры Буддæйæн, бирæ йын фервыстой зæрдиаг арфæтæ: Æртæ кæхцы куы равдæлон сты, æртæ дурынæн сæ бынтæ куы сзындысты, уæд æртæ æфсымæры дæр, кæм бадтысты, уым афæлдæхтысты. Уыдон афтæ хъæбæр хуыссыдысты, æмæ сæ хуыр-хуырæй хæстæгдæр къæдзæхтæ зæлыдысты, хъæды мæргътæ та хæстæг нал уæндыдысты.
Дарддæр хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0