Цæгат Иры стыр уæзласæн хæдтулгæтæн тобæ сæвæрдтой фæндаггæрон лæууыныл

© Sputnik / Денис Абрамов /  Ахизын медиабанкмæЦæгат Иры стыр уæзласæн хæдтулгæтæн тобæ сæвæрдтой фæндаггæрон лæууыныл
Цæгат Иры стыр уæзласæн хæдтулгæтæн тобæ сæвæрдтой фæндаггæрон лæууыныл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 июн - Sputnik. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло йæ барамындæй тобæ сæвæрдта Гуырдзыстонмæ транзитæй цæуæг стыр уæзласæн хæдтулгæтæн фæндаггæрон лæууыныл, фехъусын кодта регионы къухдариуæггæнæджы пресс-службæ.
"Барамындæй тобæ æвæрд æрцыдис Цæгат Ирыстоны уылты Гуырдзыстоны паддзахадон терриорийы арæнты ᾿рдæм транзитæй цæуæг стыр уæзласæн хæдтулгæтæн, федералон, регионалон (республикон) æмæ бынæттон нысаниуæджы фæндæгтыл лæууыныл", - дзырдæуы хъусинаджы.
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы пресс-службæйы банысан кодтой, стыр уæзласæн транзитон хæдтулгæтæн æрлæууæн уыдзæн авд ифтонггонд фæзуаты. Уыдон сты æвæрд тæккæ "Уæллаг Ларс" уадзæн пункты, Цымийы хъæуы районы, автофæндæгтæ "Дзæуджыхъæу – Æрыдон – Чикола – Лескен2", "г. Дзæуждыхъæуы æрзылд"-ы, "Кавказ" æмæ "Транскам"-ы.
Барамындмæ гæсгæ тобæйæн тых уыдзæн сæрмагонд уынаффæйы онг.
Фæстаг рæстæджыты Гуырдзыстоны ᾿рдæм цæуæг стыр уæзласæн хæдтулгæтæ ныхдуртæ арæзтой автотранспортæн – "Уæллаг Ларс"-ы ауадзыны пункты радты тыххæй лæууыдысты паддзахадон арæнмæ кæнæг фæндаггæроныл.
Ног хабӕртты лентӕ
0