ХИПУ кусæг радзырдта Хъырымы фестивалы тыххæй

© Sputnik / Рамиль СитдиковХИПУ кусæг радзырдта Хъырымы фестивалы тыххæй
ХИПУ кусæг радзырдта Хъырымы фестивалы тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны делегаци æнтысджынæй равдыста республикæйы XVI Æхсæнадæмон фестиваль "Великое русское слово"-йы. Уый тыххæй Sputnik-æн радзырдта уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы Ассоциацийы сæргълæууæг Тедеты Зæлинæ.

"Нæ делегацийæн бантыст форумы арæнæвæрдты бабæрæг кæнын æртæ мадзал дæр – тымбыл фынг "Русский мир на переломе", семинар "Русская словесность: теория и школьная практика", афтæ ма æхсæнадæмон сипозиум "Руский язык в поликультурном мире". Мæнмæ гæсгæ, аккагæй равдыстам Хуссар Ирыстоны, æмæ райстам бирæ хорз тæлмæнтæ", - банысан кодта ХИПУ ахуыргæнæг.

Тедеты Зæлинæ бафтыдта, уымæй дарддæр ма хуссарирыстойнаг делегацийы сконды уыдысты ХИПУ уырыссаг æмæ фæсарæйнаг литературæйы кафедрæйы сæргълæууæг Пæрæстаты Манана, ХИПУ дæлбар фонд "Русский мир"-ы къухдариуæггæнæг Кокойты Лали, афтæ ма ХИПУ ахуыргæнджытæ Тыбылты Инал æмæ Гасситы Натали.
Æхсæнадæмон фестивал "Великое русское слово" ацыд Хъырымы 5-11 июны. Мадзалы нысан здæхт уыд уырыссаг культурæ æмæ æвзаг райрæзын кæнынмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0