Коцойты Арсен. Уацмыстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2023
Коцойты Арсен.Уацмыстæ

КОЦОЙТЫ АРСЕН. ЦЫ ФÆЦИ АСÆХМÆТЫ ИРÆД

КОЦОЙТЫ АРСЕН. ЦЫ ФÆЦИ АСÆХМÆТЫ ИРÆД
Рафыссын
Æгас мæйы дæргъы хъæубæстæ Асæхмæты кой йеддæмæ ницыуал кодтой — иутæ худæгæй мардысты, иннæтæ та, сæ сæртæ æнкъусгæйæ, дзырдтой:
— Ахæм ми ма искæуыл æрцæудзæн, ахæм диссаджы хиндзинад ма æрхъуыды чындæуыдзæн!
Асæхмæт йæхæдæг та, æрдиаг кæнгæйæ, рустæ уæлæмæ тыдта.
Куыннæ æрдиаг кодтаид, æхсæрдæс азы чызг фæхаста! Цин кæнгæйæ-иу йæхинымæры дзырдта: "Ацы чызджы ирæдæй мæ хæдзары хъуæгтæ бампъуздзынæн!"
Исгæ дæр дзы ракодта стыр ирæд, дзаджджын ирæд. Райста дыууæ галы, дыууæ хъуджы, иу бæх æмæ æхцайæ дыууиссæдз туманы.
Уыцы æхца, уыцы фос хæдзармæ иу æфтыд куы бакæной, уæд ыл куыннæ фæзындзысты!
Фæлæ Асæхмæт дис ууыл кодта, æмæ ирæд райсыны фæстæ хæдзар фыццагæй афтиддæр аззади.
Æрмæст а дыууæ боны бамбæрста уый йæ ирæды хабар.
Дарддæр хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0