Коцойты Арсен. Уацмыстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2023
Коцойты Арсен.Уацмыстæ

КОЦОЙТЫ АРСЕН. ЛЕГЕНДÆТÆ ФЫЦЦАГ ЛÆГ ÆМÆ УС. ХУР ÆМÆ МÆЙ

КОЦОЙТЫ АРСЕН. ЛЕГЕНДÆТÆ ФЫЦЦАГ ЛÆГ ÆМÆ УС. ХУР ÆМÆ МÆЙ
Рафыссын
Хуыцау дунейы куы сфæлдыста, уæд алы фос, алы сырд, алы маргъ — иууылдæр къæйттæ-къæйттæ уыдысты. Æрмæст ма фыццаг лæгæн нæ уыди къай. Æнкъардæй рацу-бацу кодта уый дзæнæты цæхæрадоны æмæ дис кодта: "Ай алы сырд æмæ маргъ иууылдæр къæйттæ-къæйттæ куы сты, уæд мæнæн цæуылнæ ис къай?" Хуыцау ын бамбæрста йæ зæрдæйы хъуыдытæ æмæ йын æркодта ус.
— Уый дын мæнæ къай, цæрут фидыдæй, кæрæдзийы уарзгæйæ.
Иу къорд бонты фæстæ лæг усы къухыл рахæцыди æмæ йæ Хуыцаумæ бакодта.
Дуне срухс кæнынæн Хуыцау сфæлдыста дыууæ рухсдæттæг къорийы. Иу дзы хъуамæ уыдаид арвыл боныгон æмæ рухс кодтаид адæймаджы фæндаг æмæ куыст, иннæ хъуамæ сыгъдаид æхсæв æмæ хастаид адæймагæн тыхдæттæг хуыссæг. Дыууæ къорийæ алкæй дæр фæндыд боны цырагъ уæвын, уæд зæххыл уыдаид нымаддæр æмæ кадджындæр. Сæ хъаст бахастой Хуыцаумæ æмæ сын быцæу бацайдагъ. Уæд сын Хуыцау афтæ зæгъы: — Ахсæв дыууæйæ дæр бафынæй кæнут, стæй, æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ куыд хицæн кæной, уыцы сахат уæ арвгæрон раздæр чи фæзына, уый уыдзæн боны рухсдæттæг, иннæ та — æхсæвы.
Дарддæр хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0