Фӕласта фӕндӕгтӕ ӕмӕ хидтӕ: Знауыры районы къорд хъӕуы уыд тӕрккъӕвда

© Photo : pexels / veeterzyКъӕвда
Къӕвда  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Знауыры районы цалдӕр хъӕуы тӕрккъӕвдайы фӕстиуӕгӕн раласта фӕндӕгтӕ ӕмӕ хидтӕ. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта районы администрацийы сӕргълӕууӕг Гобозты Алан.
"Ныридӕгӕн нӕ техникӕ ӕппӕт дӕр кусы Хъорнис, Цъорбис ӕмӕ Сихиаты хъӕуты. Ацы цӕрӕн пуктты донивылд фӕндӕгтӕ фехӕлдта ӕмӕ раласта ӕртӕ хиды", - загъта Гобозты Алан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Гъуертеуы хъӕуы та боныгъӕды аххосӕй ахуыссыд рухс.
Хъорнис, Цъорбис ӕмӕ Сихаты хъӕуты ацы мӕй ныр дыккаг хатт уыд их ӕмӕ тӕрккъӕвда
Ног хабӕртты лентӕ
0