Хуссар Иры Генпрокуратурæ сцырын кодта уголовон хъуыддаг Дзæгъиаты Уырызмæджы ныхмæ

© Sputnik / Руслан ТадтаевХуссар Ирыстоны Генпрокуратура сцырын кодта уголовон хъуыддаг Дзæгъиаты Уырызмæджы ныхмæ
Хуссар Ирыстоны Генпрокуратура сцырын кодта уголовон хъуыддаг Дзæгъиаты Уырызмæджы ныхмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Генпрокуратурæ сцырын кодта уголовон хъуыддаг Республикæ Хуссар Ирыстоны экс-генрпокуроры ныхмæ уац "Хицауы бартæй фыдхъомыс кæнын", хъусын кæны къуырисæры цæстдарæн уагдоны пресс-службæ.
Развæлгъау фæдагуырдæй бæрæггонд æрцыд, 2018 азы 2 апрелы Дзæгъиаты Уырызмæг, паддзахадон бынаты кусгæйæ "йæ бартæй фыдхъомыс скодта, цæмæй исбонон пайда райса".

"Нæ йын уыд бартæ афтæмæй, Дзæгъиаты Уырызмæг æнæзакъонæй радта амалиуæгад "СоюзСтройпроект"-æн ахст амайыны æмæ æндæр техникæ, йæ аргъ иумæйагæй 29 685 000 сомы, кæцы уый фæстæ æнæ барлæвæрд æмæ хицæутты фæндоны ныхмæ рафыстгонд æрцыд æмæ йæ сæвæрдтой "ЦСК" балансыл, æнæзакъонæй эксплуатацигонд цыд сæрмагонд интересты", - банысан кодтой уагдоны.

Банысангонд ма æрцыд, ныры рæстæджы ацы уголовон хъуыддагмæ гæсгæ æххæст кæй цæуынц æнæмæнгхъæуæг фæдагуырдон архайдтæ, цæмæй фыдракæнды æууæлтæ бæрæг æрцæуой.
Ног хабӕртты лентӕ
0